Завод «Победит»-ы фæзуаты ацыдысты зынгхуыссынгæнджыты ахуыртæ
Завод «Победит»-ы зынгсирвæзтытæй тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ дзы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ сарæзтой сæрмагонд ахуыртæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм хуызы тренировкæтæ куыстуæтты, æнæмæнг, аразын хъæуы. Уый та уый тыххæй, æмæ дзы тагъд цы буаргъæдтæ ссудзынц, ахæмтæ бирæ ис. Цавæр мадзæлттæй ис спайда кæнын, цæмæй зынг бирæ рæттыл ма апарахат уа, стӕй адæмы æдас бынатмæ раст куыд хъæуы ракæнын, уыдӕттӕ базыдтой нæ уацхæсджытæ. Райдианæй – рæнхъралæуд. Радхæссæг хьарагьулы 'хсӕн — Дзæуджыхъæуы зынгхуыссынгæнæн хайæдты кусджытæ. Зынгимæ чи тох кæны, уыцы специалисттæн лæвæрд цæуынц хæслæвæрдтæ. Ахуыртæ сарæзтой химион æгъдауæй тæссаг объект завод «Победит»-ы. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ æрцыд авари. Уый аххосæй заводы æртæ бынаты рахъардта зианхæссæг аммиак. Дыууæ раны цистернæ аммиакимæ донивылды аххосæй хъыгдæрд баййæфта. Артимӕ тохгӕнджытӕ аммиакы тӕфтӕ иуварс кӕнгӕйӕ уазал кӕнынц резерауартӕ. Ирвæзынгæнджыты архайдмæ лæмбынæг кæсынц завод «Победит»-ы кусджытæ. Ахæм иумæйаг ахуырты фæрцы базонынц, хи куыд дарын хъæуы, уыимæ æдасдзинады мадзæлттæ куыд æххæст кæнын хъæуы, уый. Сæ размæвæрд хæстæ зынгхуыссынгæнджытæ æнтыстджынæй баххæст кодтой иу сахатмæ. Маргхæццæ химион буаргъæдтæ апарахат кæнын нæ бауагътой. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, зынгхуыссынгæнæн тактикон ахуыртæ ацыдысты фæткмæ гæсгæ. Мы рядом в: ok.ru/irystontv youtube.com/irystontv zen.yandex.ru/irystontv
Название:
Завод «Победит»-ы фæзуаты ацыдысты зынгхуыссынгæнджыты ахуыртæ
Категория:
Разное