Сергей Меняйло амыдта аппаратон æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

49 просмотров

12 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

49 просмотров

12 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

49 просмотров

12 дней назад

Цӕгат Ирыстоны скъолаты линейкӕтӕ ацӕудзысты 4-æм сентябры. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Амыдта йæ Сергей Меняйло.  Сæргълæууæг хицауады уæнгтæн бахӕс кодта, цӕмӕй Зонындзинæдты бон ӕнӕмӕнг бабӕрӕг кӕной ӕппӕт скъолатӕ дӕр. Республикӕйы дарддæр цӕст дарынц артаджы уавӕрмӕ. Ныртӕккӕ стырдæр станцæты ис сахаты 'рдæджы бæрц радтæ. Æлхӕнджытæн, куыд раздæр, сæ бон у æртынæй фæндзай литры онг ныккæнын. Нефтебазӕты артаджы ӕвӕрӕнтӕ ӕрхаудысты 20%. Ныртӕккӕ сæ ис мин аст сæдæ тоннӕйы бӕрц бензин, уый бӕрц дизель дæр. Министр Хъараты Тимур куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй регионмӕ ноджыдæр ласынц 2 мин тоннӕйӕ фылдӕр артаг. Ӕргъты рӕзт бауромыны тыххӕй бæрнон службӕтӕ ӕрвылбон бӕрӕг кӕндзысты артаджы станцæтæ. Ныхас ма цыд зымӕгмӕ бацӕттӕ кӕныныл. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объектты ӕмӕ газы хызты цӕттӕдзинад у 80% бӕрц. Ӕппӕт куыстытӕ дӕр фӕуын хъӕуы 15 октябрмӕ. Сергей Меняйло бардзырд радта, цӕмӕй уазæлтты агъоммæ хызтæй æнæзакъонæй пайда кæныны цаутæ ссарой æмæ снывыл кæной. Уый ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй цӕрджыты зымӕджы лӕггӕдтӕй бынтондӕр ма фӕиппӕрд кӕной, уый тыххӕй.