Республикæйы кæсагдарны хæдзарæдты архайды фæдыл æмбырд арæзт æрцыд Сергей Меняйлойы разамындæй
Цæгат Ирыстоны рæзы базарадон кæсаджы кондад. Ивгъуыд азы хатдзæгтæм гæсгæ схæццæ дæс мин тоннæйæ фылдæрмæ. Ахæм зилдух домы хæдзарæдты архайдимæ баст ахсджиаг фарстатæ иуварс кæныны системон ахаст. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы кæсагдарыны хæдзарæдты архайды фæдыл æмбырды, арæзт æрцыд Сергей Меняйлойы разамындæй. Фембæлды архайджытæ ма бæстон æрдзырдтой донæй пайда кæныны уавæрыл, къабазы инфраструктурæйы модернизацийыл æмæ бизнесы аууоны секторæй ракæныныл. Хъалонты службӕйы цӕгатирыстойнаг управленийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ацы къабазы дыууæ сæдæ нæуæдз æхсæз регистрацигонд хъалонфидӕгӕй сæдæ æвдай авд куыстуаты ӕцӕгдзинадӕй финансон-хӕдзарадон куыст нӕ кӕнынц. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтӕмӕй ахӕм бӕрӕггӕнӕнтӕ дзурӕг сты, хӕдзарӕдтӕ кӕй нӕ кусынц, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕнӕзакъонӕй кӕй архайынц, ууыл. Уымæ гæсгæ, амалхъомтæм фæсидт, цæмæй сӕ куыст кӕной закъоны бындурыл. Уый ӕнӕмӕнг хъӕуы республикӕйы экономикӕйы дарддӕры рӕзтӕн ӕмӕ социалон блокы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн.