Цæгат Ирыстоны артаг-энергетикон базарады сæвзæрд уавæры фæдыл æмбырд сарæзта Сергей Меняйло
Абон Уӕрӕсейы Банк парахат кæнын райдыдта ноггонд 100 сомы банкнот. Дзуапдæттæг оргæны куыд загътой, афтӕмӕй 2026 азы гæххæттын æхца нысангонд у центрон федералон зылдæн. Раззаг фарс баззад, куыд уыд, афтӕмӕй. Иннæ фарс та у æндæрхуызон: ӕппӕт бӕстӕйы картӕйы бӕсты дзы ныр ӕвдыст цӕуы æрмӕст Центрон регион ӕмӕ Ржевскы мемориал. Дизайн у бурбын сырх хуызы. Бӕлвырддзинад сбӕрӕг кӕнын ӕнцон у - раззаг фарсы дӕллаг рахиз къуымы ис QR-код, кӕцы хизы Уӕрӕсейы Банчы сайты сыфмӕ ӕппӕт хъа хъхъӕнӕн ӕууӕлты бӕстон ӕрфыстимӕ.