Буроны тъунел бындуронӕй цалцӕг кӕнынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

41 просмотр

12 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

41 просмотр

12 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

41 просмотр

12 дней назад

Йӕ дӕргъ — 270 метры, æрвылбон мингай машинӕтӕ, сӕ тӕккӕ сӕрмӕ та хӕххон мæры тоннӕтӕ - Буроны тъунел у Транскавказы магистралы ахсджиагдӕр хæйттæй иу, фӕлӕ уыимӕ у тӕккӕ тӕссагдӕр ран. Ам фыццаджыдæр хъæуы æдасдзинадыл хъуыды кӕнын. Кӕттаг объект хъахъхъӕндзӕн ӕваст ныккӕлӕнтӕй, фӕлӕ сӕйраг хъахъхъӕнӕг суыдзӕн ног тыхджындӕргонд ӕрдынцъар. Конструкцийӕн йӕ бон у сейсмикон уӕзæн 9 баллы онг бафӕразын, уымӕй уӕлдай ма дзы фæзындзæн фидар гидроизоляци дӕр. Ныртæккæ конд ӕрцыд ӕрмӕст куыстыты иу хай - 4 мӕймӕ баивтой зӕронд уӕлцъар ӕмӕ хайгай сӕвӕрдтой армокаркас. Буроны тъунел у Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны 'хсӕн сӕйраг артери, хæдтулгæтæ дзы бонӕй-бонмӕ æрмæст фылдæр, уыимæ ма зæгъæн ис, æмæ Транскамы иувæрсты ацæуæнтæ нæй. Афтæмæй, куыстыты рӕстӕг дӕр фӕндаг нæ сæхгæдтой, акодтой йæ дыууæ дихы ӕмӕ дзы сарӕзтой иутæлмон змӕлд. Фæстытæ дарддӕр стырдæр кæнынц. Уымæн аххосаг — боныхъæд. Æрвылбоны къӕвдатӕ ӕмӕ дымгӕтӕ расайынц дурзæйтæ. Зӕгъӕм, ӕрӕджы егъау ныккалд тъунелы армокаркас фӕтасын кодта, фӕстиуджытӕ ӕвӕстиатӕй аиуварс кæнын бахъуыд. Хуссары 'рдыгӕй ацæуæн ныридӕгӕн сӕдас кодтой — 1800 квадраты фӕзуат хыз фӕндагмӕ дуртӕ хауын нӕ бауадздзӕн. Ныртӕккӕ фæнд кæнынц ахӕм гæрз сӕвӕрын цӕгатырдыгӕй дӕр. Аразджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, архайд цӕуы нывыл, рацаразт фӕуынмӕ хъавынц 2027 азы кӕронмӕ нацпроект "Инфраструктурӕ цӕрынӕн"-ы фӕлгӕты