Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад
Хæдзарадоны ацы равдыст цымыдисаг уыдзæн, фос чи дары, уыдонæн. Ныхас дзы цæуы хохы цæрджытæн зæххытæй пайда кæныны ног фæткыл. Зæххытæ кадавар кæй сты, уый аххосæй хæхбæсты фадат нæй социалон-экономикон райрæзтæн. Раздæрау цæхгæр у адæмы фосæн хизæнуæтты хъуыддаг дæр. Закъоны проект цавæр лыггæнинаг фарстатæ аиуварс кæндзæн, ууыл дзырдтам республикæйы паддзахадон исбон æмæ зæххыты ахастдзинæдты министры хæдивæг Датиты Аланимæ. Иннæ вазыгджын хъуыддаг та у, хъæуты хъомгæстæ кæй нæ фаг кæнынц, уый. Уавæр тыхсын кæны, фос чи дары æмæ фос кæмæ нæй, уыдоны æмхуызон. Цæмæй, уый базондзыстут нæ равдыстæй.