Æрыдоны Толстойы уынджы цӕрджытӕ хъаст кӕнынц сӕ кӕрты уавӕрӕй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

10 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

10 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

10 дней назад

Æрыдоны Толстойы уынджы ацы кӕрты асфальт бынтондӕр фехӕлд. Уæвгæ дзы уыдис, уый ма æрмæст йæ сæстытæй бæрæг у. Цӕрджытӕ бар-ӕнӕбары цӕуынц уыцы ӕвзӕр фӕндагыл алы бон дӕр. Уӕлдай зын сывӕллӕттӕн у. Ныртӕккӕ ацы районы 100 сывӕллонӕй фылдӕр ис. Хъӕзтытӕн ӕдас бынат ссарын æнцон нæ вæййы. Цалдæр херыйы дзы ис, фæлæ уыдонмæ дæр 40 азы зылд нæ уыд. Сывӕллӕтты фӕз та бынтондӕр айстой, уымæн æмæ тӕссаг уыд. Ныр ма сабитӕ æрмæст йæ хӕлддзӕгтыл хъазынц. Ам ног фӕзуат кӕд сараздзысты, уый ничи зоны. Дзуапдæттæг оргæнтæ курынц цӕрджытӕй, цӕмӕй банхъӕлмӕ кӕсой. Цӕрджытӕ иудадзыг хъаст кӕнынц горӕты ӕмӕ районы администрацимӕ, стӕй фӕндӕгты службӕмӕ. Ныридӕгӕн арвыстой 18 фыстæджы. Фæлæ абон дӕр нӕма алыг фарста. Ӕрӕджы горӕты администраци сразы баххуыс кӕныныл. Хицауад цӕрджытӕй ракуырдтой, цӕмӕй кӕрты хӕрзвадат кӕныны проект саразой. Адӕм сӕххӕст кодтой уыцы домӕн. Сӕ проекты ис ног фӕндӕгтӕ, бандӕттӕ ӕмӕ бырондæттæ. Фӕлӕ куыстытæ абон дӕр нӕма райдыдтой. Кӕртыты цалцӕг фӕстӕдӕрмӕ аргъӕвтой. Сæ хӕрзвадатæн хъӕуы фæрæзтæ горӕты бюджетӕй. Фӕлӕ уым куыд зæгъынц, афтæмæй ӕхца нӕй. Ӕрмӕст проект саразыны аргъ у 7 милуан сомы. Бынӕттон администрацийӕн уый у тынг бирæ. Хицауады дзуапп цӕрджыты смӕстджын кодта. Адӕмӕй та курынц, цалынмӕ администраци ӕхца агура, уӕдмӕ банхъӕлмӕ кӕсын. Фӕлӕ бӕлвырд ӕмгъуыдтӕ ничи ранымадта, уымӕ гӕсгӕ бӕрӕг нӕу, уыцы ӕнхъӕлмӕ каст цас ахӕсдзӕн, уый.