Аивады тых ныфс дæтты
Аивады тых ныфс дæтты
Кæйдæр фортепианойыл дунейы хъуыстгонд классикты уацмыстæ акæнынмæ бахъæуы дæсгай азтæ. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар — Дзагкойты Тимур, Моцарт æмæ Бетховены музыкæ иттæг хорз цæгъдын сахуыр дыууæ азмæ. Лæппуйыл 5 азы куы цыд, уæд æм рабæрæг кодтой аутизм. Фæлæ сывæллон йæ бæллицтæ сæххæст кæнынмæ тырны. Æрæджы курдиатджын кæстæримæ фембæлд нæ сфæлдыстадон къорд.