Бархионты штабы бийынц сусæггæнæн хызтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн

Лидия Гугуевайыл 85 азы цæуы. Хорз хъуыды кæны хæсты рæстæджы сиренæтæ, бомбæтæй йæхи кæм æмбæхста, уыцы уазал ныккæнд. Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд иуварс æрлæууын йæ бон нæ баци. Фыццаг гуманитарон æххуыс æрвыста. Фæлæ йæм уый фаг нæ фæкаст. Афтæмæй Лидия æрбацыд штабмæ, уым бийынц сусæггæнæн хызтæ. Сразæнгард æй кодтой йæхæдæг цы цаутæ бавзæрста, уыдон. Кæддæр трамвайы цыдтæн, кæсын æмæ информацион фæйнæгыл уынын фыст. Цалынмæ фæндагыл цыдтæн, уæдмæ номыр бахъуыды кодтон, нæхимæ æрбацыдтæн æмæ мын мæ фырт зæгъы, тагъддæр æй ныффысс, цалынмæ дæ зæрдыл лæууы, уæдмæ. Бадзырдтон æмæ ардæм æрбацыдтæн. Октябры уыдзæн æртæ азы, ам æз куыд æххуыс кæнын, уымæй. Лидия штабмæ æрвылбон æрбацæуы. Ам йе 'мкусджытимæ фæллой кæнынц сахатгай. Хæдзары адарддæр кæны йæ архайд. Йæ фарсмæ балæууы бинонты дарæг. Сæ фæрцы хуымæтæг æрмæджытæ æфсæддонтæн свæййынц ахсджиаг хъахъхъæнæн фæрæзтæ. Мах алы бон дæр кувæм. Мæнæ хыз бийын райдыдтам, аргъуаны нӕм сӕрмагонд лентытӕ ис, рухсгонд, мах уыцы лентытæ кувгæйæ скæнæм, цӕмӕй иу адӕймаджы уӕддӕр бахъахъхъӕна, куы йӕ бахъахъхъӕна, уӕд махӕн дæр уый æхсызгон уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ не 'ппӕт дӕр ам ахӕм стӕм. Бархионты змæлды адæмы æрбангом кодта баххуыс кæныны фæнд. Алы дзаумайы дæр бавæрдтой удыхъарм æмæ узæлд. Иузæрдион бинонты хуызæн æххæст кæнынц иумæйаг нысан, ам алчидæр цæттæ у баххуыс кæнынмæ.  Бийын райдыдтам Лидияимæ, уымӕн ӕмӕ нын хъуамӕ исчи равдыстаид. Уый нын амыдта, цавӕр хуыз, куыд бийын хъӕуы. Мах дӕр рӕвдз фæцахуыр стæм ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ иумæ бийӕм ӕз ӕмӕ уый мӕнӕ ам, æмдыхæй, хорз, тынг хорз бийӕм, ӕз ӕмпъузын хӕрдмӕ, уымӕн ӕмӕ хӕрдмӕ зын у бийын, уый бынӕй ис ӕмӕ бийы. Адӕм ам тынг хорз сты. Бархионты куыст æнæрхъуыдыйæ нæ баззайы. Хызтæ æрвитынц алы дæлхайæдтæм. Уыдон æхсызгонæй хъæуынц сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты. Æххуыс чи райста, уыцы æфсæддонтæ та бузныг зæгъын нæ рох кæнынц, хæдзары сæм чи æнхъæлмæ кæсы, уыдонæн. Сусæггæнæн хызтæ сты æнæмæнг хъæугæ. Штабы æрвылбон ногтæ фæцæттæ кæнынц — техникæйæн, æмбæрзынæн, хъахъхъæнынæн. Фæлæ сæйрагдæр та уый у æмæ дзы алкæцыйы дæр æрмæст лентытæ нæй, фæлæ ма удыхъарм æмæ ныфс. Лидия дарддæр кусы. Йæ кар æй нæ хъыгдары, фæлæ бæлвырд кæны зæрдæйы сыгъдæгдзинад æмæ баххуыс кæныны фæнд адæймагимæ æнустæм кæй баззайынц, уый.

Иконка канала IRYSTONTV
1 436 подписчиков
12+
7 просмотров
7 дней назад

, чтобы оставлять комментарии