УФ-йы центрон æвзарæн къамисы сфидар кодтой дыууæ партиты иумандатон зылдты кандидатты номхыгъдтæ
Центрон æвзарæн къамисы сфидар кодтой Уæрæсейы либералон-демократон æмæ Уæрæсейы Федерацийы коммунистон партиты иумандатон зылдты кандидатты номхыгъдтæ. Сæ баххæст кæныны тыххæй æмбæлгæ гæххæттытæ бацæттæ кодтой 6 партийы. Ӕдӕппӕтӕй кандидатты мыггæгтæ рæгъмæ рахæссын сæ бон у 11 политикон партийæн, уыимæ ма нысангонд æрцыд хи размæ ракæныны системæ. Фæбæрæг кæнын хъæуы, ног закъоны проектмӕ гӕсгӕ кандидатӕн ӕвзарӕн хыгъд йæ бон байгом кæнын у дистанцион хуызы дæр. Уый тыххӕй республикӕйы æвзарӕн къамис сарӕзта сӕрмагонд кусӕн бынат, аппараты специалисттæ та цӕттӕ сты хъӕугӕ ӕххуыс бакӕнынмӕ.