Дзӕуджыхъӕуы бӕрӕг кӕнынц харбызтӕ уӕй кӕныны уагӕвӕрдтӕ

Дзӕуджыхъӕуы райдыдта харбызты сезон. Йемӕ — базарадон бынӕтты басгӕрстытӕ. Горӕты администраци бӕрӕг кӕны, харбызтӕ уӕйгæнæн цатыртӕ закъонмæ гæсгæ æвӕрд сты ӕви нӕ, уый. Фыццаг фæткхæлд ныридӕгӕн ссардтой Гугкаты Сергейы ӕмӕ Мӕскуыйаг уынгты фӕзилӕны. Уӕйгӕнӕджы фӕндыд йӕ бынат фӕуӕрӕхдӕр кӕнын. Фистӕгæй цæуджытæн сӕ фӕндаг ӕрӕхгӕдта. Фæткхалӕджы фӕивар кодтой ӕмӕ йын бафӕдзӕхстой, цӕмӕй конструкци айса. Ацы аз Дзӕуджыхъӕуы официалон ӕгъдауӕй бар радтой харбызтӕ ӕмӕ неситӕ 40 раны уӕй кӕнынӕн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 436 подписчиков
12+
6 просмотров
7 дней назад

, чтобы оставлять комментарии