Уæрæсейы хицауад миллиард сомы уæлæмхасæн радих кæндзæн социалон программæйы райрæзтæн
Уæрæсейы хицауад миллиард сомы уæлæмхасæн радих кæндзæн социалон программæйы райрæзтæн
Уæрæсейы хицауад миллиард сомы уæлæмхасæн рахай кæндзæн газæй ифтонг кæныны социалон программæйы райрæзтæн. Йæ архайджытæ райсдзысты субсиди 100 мин сомæй фылдæр, сæрмагонд кусæнгæрзтæн æмæ хæдзæрттæ хызæгтæм бафтауынæн. Президенты уынаффæмæ гæсгæ, æххуыс райсын сæ бон у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, сæ бинонтæн, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн, бирæсывæллонджын æмæ æххуысцух бинонтæн. Премьер Михаил Мишустин куыд фехъусын кодта афтæмæй бафыстой милуанæй фылдæр бадзырды, хызæгтæ зæххы хæйтты онг бауадзыны фæдыл. Уыдонæй 900 ныридæгæн æххæсгонд æрцыдысты. Прграммæ куы фæзынд, уæдæй газ бауагътой 500 мин хицæн хæдзармæ.