Дзӕуджыхъӕуы дарддӕр тох кӕнынц зианхæссæг хъӕндилимæ. Республикӕйы фæзынд цалдӕр азы размӕ.

Дзӕуджыхъӕуы дарддӕр тох кӕнынц зианхæссæг хъӕндилимæ. Республикӕйы фæзынд цалдӕр азы размӕ. Мӕймæ горӕты акалдтой 100 туйӕйæ фылдӕр. Сасчытæ цӕрынц цъары бын ӕмӕ бӕлас мидæгæй куынӕг кӕнынц. Сыфтӕ бур ӕмӕ хус кӕнын куы райдайынц, уӕд зайæгойæн фервӕзӕн нал вӕййы. Эксперттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй химикаттӕ уыцы зианхӕссӕджы ныхмӕ ницы ӕххуыс сты. Хъæндилы бауромынӕн ис иунӕг мадзал — рынчын бӕлӕстӕ иууылдæр акалын. Тагъд сӕ бынаты ныссадздзысты сыфтӕрджын бӕлӕсты талатæ. Закъонмæ гæсгæ, калæн нæй ӕрмӕст ӕнӕниз зайӕгойтӕ. Горӕты хицауад ацы куыст дарддӕр кӕндзысты. Администраци сиды цӕрджытæм, цӕмӕй фехъусын кӕной хус туйæты тыххӕй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 432 подписчика
12+
2 просмотра
день назад

, чтобы оставлять комментарии