Объектты арæзтад æмæ рацарæзты проекттыл Дзанайты Барис æрдзырдта хицауады уæнгтимæ
Объектты арæзтад æмæ рацарæзты проекттыл Дзанайты Барис æрдзырдта хицауады уæнгтимæ
Объектты арæзтад æмæ рацарæзты проекттыл Дзанайты Барис æрдзырдта хицауады уæнгтимæ. 2024-æм азмæ инвестицион программæты цæттæдзинады тыххæй фехъусын кодта дзуапдæттæг министр Атараты Георгий. Йæ ныхæстæм гæсгæ, программæмæ бахæсдзысты 53 мадзалы 1,2 млрд сомæн. Æмбырды архайджытæ ма ныхас кодтой республикон комплексон программæ "Арæзтад"-ы фарстатыл. Бахастой йæм æнæниздзинад хъахъхъæнынад, ахуырад, культурæ, спорт, социалон политикæ, цæрæнуатон- коммуналон хæдзарады объекттæ. Æдæппæтæй сты 800. Дзанайты Барис бабар кодта, ацы ахсджиаг программæйы райрæзтыл бæстонæй бакусын.