Хъуыстгонд уацмыстӕ азӕлдзысты ирон авзагыл Дагестаны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

12 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

12 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

12 дней назад

Фыццаг хатт ирон ӕвзагыл Дагестаны азӕлдзысты поэмӕ "Хӕсты цæхæр" Гӕздӕнты ирон бинонты трагикон хъысмӕтыл ӕмӕ Расул Гамзатовы ӕнӕмӕлгӕ "Хърихъуппытӕ". Дыууӕ уацмысы дӕр ратӕлмац кодта Баситы Зӕлинӕ. Премьерӕтӕ ацӕудзысты юбилейон 40-ӕм фестиваль "Дни белых журавлей"-йы фæлгæты. Форум æрвылаз сӕмбырд кӕны уазджыты сентябры райдианы Махачкалайы, Дербенты ӕмӕ республикӕйы хӕххон районты. Æрбангом кӕны, Фыдыбӕстӕ хъахъхъæнгæйæ чи фӕмард, уыцы хъæбатырты рухс номыл чи ауæрды, уыдоны се 'ппӕты дӕр. Программӕйы — сфæлдыстадон изӕртӕ, автортимӕ фембӕлдтытӕ. Хъæппæрис ныридӕгӕн сфидар кодтой фысджытӕ ӕмӕ культурӕйы архайджытӕ Мӕскуыйӕ, Петербургӕй, Донбассӕй, Башкирийӕ, Татарстанæй, Кавказы регионтӕй, хӕстӕг ӕмӕ дард фӕсарӕнтӕй. Мадзаларазджытæ нысан кæнынц: уыцы бонтӕ свӕййынц фӕлтӕрты 'хсӕн бастдзинады фæрæзтæ.